Ирон литературæйы музейы хъæздыг æмæ мидисджын экспозицийыл афæлгæст

Алыхуызон дугты уддзæф æнусон артефактты руаджы банкъарын. Ирон литературæйы музейы экспонаттæ адæймаджы ахæссынц азты сæрты æмæ йын балæвар кæнынц алыхуызон æнкъарæнтæ, бафтауынц æй бæстон хъуыдытыл. Чиныг сарæзта зындгонд рухстауæг Такъæты Гай. Музеймæ æрбахауд Æлборты Барысбийы æвæрæнтæй. Номдзыд ахуыргонд Мæздæджы аргъуаны хъахъхъæнæджы уаты ссардта ацы чиныджы 500 экземпляры. Йæ фарсмæ та Академик Шегрены чиныг - 1844-æм азы фыст ирон граматикæйы æцæг экземпляр. Историон артефакттæ ам хъахъхъæнынц узæлгæйæ. Хистæр зонадон кусæг Гасанты Валерий се 'ппæтæн дæр зæрдиагæй саразы бæстон экскурси. Фæнды йæ цæмæй ацы цымыдисаг цауты тыххæй базоной фылдæр адæм. Уый уыд дины фыццаг газет ирон æвзагыл. Иосиф Чепиговский ирон нæ уыд, афтæмæй уæды рæстæджы ирон рухстауджыты 'æххуысæй сахуыр кодта æвзаг æмæ бакуыста газет саразыныл. Хъæздыг æмæ алывæрсыг информаци музейы залты. Мæнæ ам та Къостайы æмдзæвгæты чиныг йæхи къухфыстимæ - фидæны фæлтæртæн хъахъхъæнинаг хæзна. Музейы кусджыты сæйраг хæс - фысджыты, поэтты, драматургты, ирон литературæйы зæрингуырдты сфæлдыстад æмæ цард иртасын, адæмон сфæлдыстады бынтæ æмбырд кæнын æмæ сæ хъахъхъæнын. 4 залы æмбырдгонд æрцыд алыхуызон æрмæг. Фыццаг уæладзыджы фенæн ис Музейы историйы æмæ адæмон сфæлдыстады æвдисæнтæ - кадæггæнджытæ, таурæгъгæнджытæ, зонадон кусджыты тыххæй æрмæг. Уыимæ ма экспозициты 'хсæн — номдзыд нывгæнджыты куыстытæ. Дыккаг уæладзыджы фыццаг экспонат у X-æм æнусы минæвар - Зеленчуккы дур. Фарон Ирон литературæйы музейы бæстыхайы уыд бындурон цалцæг республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй. Ныр афæдз истори хъахъхъæнджытæ фæллой кæнынц нырыккон æмæ райдзаст уавæрты. 50 азæй фылдæр йæ дæсныйадыл йæ зæрдæ не сивта музейы директор Бдайциаты Зариффæ. Ныр дæр æххæст кæны йæ сæйраг хæс - æмбырд кæны фыссæг Бузойты Кермены тыххæй æрмæг, йæ чингуытæ æмæ хуызистытæ. Уæвгæ Ирон литературæйы музей арæзт æрцыд 1939 азы. Уæд æй байгом кодтой Хетæгкаты Къостайы райгуырды 80 азы бонмæ æмæ уыд Ирон аргъуаны бæстыхайы. Суанг 1960-æм азы онг. Ныры агъуыстыты та раздæр уыд Бæстæзонæн музей, бæлвырддæр дзургæйæ - историон хайад. Хæстæгдæр рæстæг ма музейы фæзындзæн нырыккон литературæйы зал дæр. Уыдзæн дзы æрмæг 1930-æм азтæй суанг абоны онг.

Иконка канала IRYSTONTV
1 395 подписчиков
12+
22 просмотра
3 дня назад

, чтобы оставлять комментарии