Дзанайты Барис амыдта инвестициты советы ӕмбырд

Дзанайты Барис амыдта инвестициты советы ӕмбырд. Компани "ЖСК"-ы минӕвар Юрий Гончаренко фехъусын кодта проект "Цӕрӕн микрорайоны Арӕзтад"-ы райрæзты тыххӕй. Ӕххӕстгонд цӕуы Дзӕуджыхъӕуы паддзахадон программӕ "Цӕрӕнуат уӕрӕсейаг бинонтӕн"-ы фӕлгӕты. Йӕ сӕйраг социалон хӕс у архайджытӕн фатертӕ "дӕгъӕлӕй" базары аргъӕй 20% дӕлдӕрæй сифтонг кӕнын. Цӕрӕн агъуыстыты пълангонд фӕзуат у 120 мин квадратон метры фылдӕр. Хъӕппӕрис фадат ратдзӕн 100 ног куысты бынаты скæнынæн. Иннӕ инвестицион проекттӕ ӕххӕст кӕныны тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы экономикон райрæзты министры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Олег Быкадоров. Куыд фӕбӕрӕг кодта, афтӕмӕй ныртӕккӕ регионы ӕххӕстгонд цӕуы фондз "раззагдæр" проекты. Сӕ иумӕйаг аргъ у 78 млрд соммӕ ӕввахс. 2030-æм азмӕ хъавынц скæнын 3,5 мин куысты бынаты, уыимӕ абоны бон 2 мин 300-сӕдӕйӕ фылдӕр арӕзт ӕрцыд Дзанайты Барис йӕ хъус ӕрдардта, инвестортӕ сӕхимӕ цы хӕстӕ райстой, уыдон куыд ӕххӕстгонд цӕуынц, уымӕ бæстон цӕстдард кӕй хъӕуы, уымӕ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 394 подписчика
12+
3 просмотра
4 дня назад

, чтобы оставлять комментарии